Жозеп Борел – ныхас  кæнæм Гуырдзыстонимæ, фæлæ кандидаты статусыл ныхас  мæ компетенцимæ нæ  хауы
Жозеп Борел – ныхас кæнæм Гуырдзыстонимæ, фæлæ кандидаты статусыл ныхас мæ компетенцимæ нæ хауы

​ Ис нын бадзырдтæ  Гуырдзыстонимæ, фæлæ  кандидаты статусыл ныхас  мæ компетенцимæ нæ  хауы,– ацы фидиуæн, æддæ политикæ æмæ   æдасдзинады фарстаты  Евроцæдисы   бæрзонддæр минæвар, Жозеп Борел, Брюсселы, Евроцæдисы  хъахъхъæнынады министрты  фембæлды   размæ  сарызта.

Жоззеп Борел ысдзуапп кодта  гуырдзыйаг журналисты  фарстæн,  зæгъгæ Гуырдзыстон æнхъæлмæ кæсы  кандидаты статус  раттынмæ  æмæ уыдзæн æви нæ  уый фæдыл ныхас  премьеримæ фембæлдыл. Борел Банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны  уæнгдзинады  фарста  ахсджиаг у, фæлæ  уый фæдыл  хъуыды цæттæ кæны Еврокомисси.

«Куырдиат бавдыст у. Ныхас кæнæм  Гуырдзыстоны уæвæг уавæры фæдыл, фæлæ кандидаты статусыл ныхас  мæ компетенцимæ нæ  хауы», – райхъусын кодта  Борел.