Жозеп Борель – Гуырдзыстонæн у йæ бон Евроцæдисы ныфс уа
Жозеп Борель – Гуырдзыстонæн у йæ бон Евроцæдисы ныфс уа

Жозеп Борель – Гуырдзыстонæн у йæ бон Евроцæдисы ныфс уа

Гуырдзыстонæн европон фæндагыл иуæй-иу сæйраг расидæн, тыхджын политикон поларизаци у. Уымæн, цæмæй бæстæ суа Евроцæдисы кандидат, алы политикон тых хъуамæ куса иумæ конструктивонæй, – уый фæдыл Евроцæдисы уæллаг бæрнон Жозеп Борель расидтис.

«Ивгъуыд къуыри фыццаг хатт уыдтæн Гуырдзыстоны, уымæн æмæ мæ тынг фæндыд æртæ сæйраг æрвыстаг сæрмагондæй расидтаин гуырдзийаг адæмæн æмæ Гуырдзыстоны хицауадæн. Фыццаг, Евроцæдисы уырны, цæмæй Гуырдзыстон европон бинонты хай у, Гуырдзыстоны уазæгуаты уæвыны рæстæджы банхъардзыстут гуырдзийаг адæмы европон тырнындзинад. Тбилисы уынгты, европон тырысатæ фылдæр федтон, Европайы сæйраг сахартæм абаргæйæ. Гуырдзийæгты 80% фæнды, цæмæй сæ бæстæ суа Евроцæдисы хай», – сиды Борель.

Фидиуæны афтæ дæр ис фыст, цæмæй ацы фæндагыл Гуырдзыстоны æрдæм ис карз æркуырдтæ, кæцытæ сты нысангонд Еврокомисы 12 рекомендацийы æмæ Гуырдзыстонæн европон фæндагыл, дарддæр къахдзæфтæ фæстиуджытыл уыдзысты баст.

Борелы ныхасмæ гæсгæ, тынг нысаниуæгджын у æппæтдунеон изоляцийæн архайдтытæ, координаци æввахс партнертимæ æмæ банысан кодта, цæмæй райгонд у Гуырдзыстонимæ æввахс æмахастытæй фарстайы.