Жозеп Борел – фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадтыл хъавæм Гуырдзыстоныл ныхас кæнын, æркæсдзыстæм йæ перспективæ æпмæ æдасдзинады уавæр
Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадтыл план кæнæм Гуырдзыстоныл ныхас кæнын, уыдзæн нын фембæлд, æркæсдзыстæм йæ перспективæ æмæ æдасдзинады уавæр, – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел рабадты размæ райхъусын кодта.
Борелы дзырдæй, зæгъгæ абон нысаниуæгджын бон у Гуырдзыстоны фарста æркæсынæн.
«Хъавæм Гуырдзыстоныл ныхас кæнын, уыдзæн нын фембæлд, æркæсдзыстæм йæ перспективæ æмæ æдасдзинады уавæр. Махæн Гуырдзыстон тынг нысаниуæгджын бæстæ у. Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй йын æдасдзинады спецификон фарста лæууы, уымæн æмæ йæ территори хайгай оккупацигонд у Уæрæсейы æрдгæй. Афтæмæй нысаниуæгджын бон у Гуырдзыстоны фарста æркæсынæн», – загъта Жозеп Борел.