Жозеф Болрелы номæй, Евроцæдис уæнг бæстæты æттаг хъуыдтæгты министртæ Кавказы æртæ бæстæмæ ныццæудзысты
Жозеф Болрелы номæй, Евроцæдис уæнг бæстæты æттаг хъуыдтæгты министртæ Кавказы æртæ бæстæмæ ныццæудзысты
Евроцæдисы æттаг политикайы уагдоны къухдариуæгы номæй, Евроцæдисы-уæнг бæстæты æттаг хъуыдтæгты министртæ æртæ бæстæмæ ныццæудзысты –снысанонд фидиуæн Евроцæдисы уæллаг бæрнон æттаг политикайы æмæ æдасдзинады фарстаты Жозеф Борел Лиссамоны, Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты министрты фембæлдыл сарæзта.
«Мæ номæй Евроцæдисы министрты къорд ныццæудзæн Кавказы æртæ бæстæмæ, цææмй ноджы иу хатт бавдисæм нæ цæттæдзинад, регионы цæугæ цауты хайадистæн» -сиды Борел.
Абон, Лиссабоны арæзт фембæлдыл Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты министртæ, Румынийы инициативайæ бакастысты скæсæн партнерады уæнг бæстæты, се æхсæн Гуырдзыстоны, Украинайы æмæ Молдовайы уæвæг конфликты фарста æмæ йæ фарсыл рахæцыдысты конфликты æрбиноныгы Евроцæдисы бастдзинады рæзтæн.