Женевайы æппæтдуноен бадзырдты 49-æм раунд сырæздзæн
Женевайы æппæтдуноен бадзырдты 49-æм раунд сырæздзæн

Женевайы æппæтдуноен бадзырдты 49-æм раунд сырæздзæн

Абон Женевайы æппæтдуноен бадзырдты 49-æм раунд сырæздзæн. Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг æмæ Женевайы гуырдзийаг делегацийы къухдариуæг Лаша Дарсалия расидтис, бадзырдты фарстаты номхыгъд карз у.

 «Женевæйы  сæйраг темæйы –  æхсæзпунктджын   разыдзинады   сыххæстæй  уæлдай,   уыдзæн   уыцы   фæзындтæ  дæр,   кæцытæ абон тынг  кæнынц  æмæ ныры онг  айтынг сты  оккупацигонд территоритыл æмæ  оккупацион хаххы  дæргъмæ, фæнды æнæзакъонон  бордеризацийы,  ахстыты фарста  æви  фæстагрæстагон фæзындтæ, кæцыты  тыххæй  нысаниуæгджынæй   ныттынггонд  фон  сырæзт оккупацигонд территоритыл»,- банысан кодта Лаша Дарсалиа.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæбæрæг уыдзæн,  ивд  æрцæудзæн æви нæ  исты бадзырдты  мидæг Уæрæсейы  делегацийы  ног къухдариуæггæнæджы  баиуæй.  Бæрæг куыд у  афæмæй,   форматы   саразыны бонæй   ацы афонмæ,   Уæрæсейы  номæй Женевæйы бадзырдты   Григорий Карасин  уыд баст, кæцыйы  постæй  ацыды фæстæ, Женевæмæ фыццаг хатт ныццæудзæн   Сергей  Лавровы  ног хæдивæг  –  Андрей Руденко.