Женевайы æппæтдунеон дисскуситы æмсæрдартæ бадзырдты 54-æм раунды фæдыл фидиуæн парахат кæнынц
Женевайы æппæтдунеон дисскуситы æмсæрдартæ бадзырдты 54-æм раунды фæдыл фидиуæн парахат кæнынц
ОБСЕ-йы веб-фарсыл рапарахатгонд фидиуæны ис фыст,цæмæй Женевайы æппæтдуноен дисскуситæ сты сæйрагформат, кæцыйыл у каст конфликты фæстиуджытæ, куыд 2008-æм азы æхсты фæурæды æхсæз-пунктон бадзырдæй у æвдыст.
Дисскуситы æмсæрдарты информацимæ гæсгæ,фембæлды рæстæджы кастуыд «æдасдзинады алы гуманитарон фарста» элементтæ кæцыйы рæстæджы дæрхайадисджытæ кæрæдзийæн сæрмагонд хъуыды базонгæ кодтой конфликтон зонайы æмбæстæгты тæссагдзинад, фæндон æмæ кады фæдыл.
Хайадисджыты фембæлд Женевайы æппæтдунеон дисскуситыдыууæ куыстон къорды фæлгæтты сырæзт, кæцытæ хъусдард сцырын кодтой æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстатыл. Бынатылуæвæг æдасдзинады ситуацийæн уыд лæвæрд аргъ куыд стабилон.
Æндæр æмæ æндæр гуманитарон фарстатыл конструктивон диалгмæ æнкæсгæйæ, лыгъдонты фарстайыл диалог нæ сырæзт, иуæй иу хайадисджыты архайды аххосагæй, кæцытæ фембæлды бынат ныууагътой.
Радон раунд Женевайы 7-8 декабры сырæздзæн.