Жан-Ноэль Барро – Фæнды нæ фадат раттæм гуырдзиаг адæмæн, цæмæй размæ цæуой европæйаг фæндагыл æмæ кад кæной ацы фæндонæн, ахæм мидисæй  сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ
Жан-Ноэль Барро – Фæнды нæ фадат раттæм гуырдзиаг адæмæн, цæмæй размæ цæуой европæйаг фæндагыл æмæ кад кæной ацы фæндонæн, ахæм мидисæй сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ

«Мах фæнды гуырдзиаг адæмæн раттæм фадат размæ цæуой европæйаг фæндагыл», -расидтис Францы æттаг хъуыдтæгты министр, Жан-Ноэль Барро, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадты райдайæны агъоммæ Люксембургы раныхас кæнгæйæ, Гуырдзыстоны уæвæг уавæры фæдыл комментаритæ кæнгæйæ.

Жан-Нуэль Барройы ныхæстæм гæсгæ, Францы фæнды, цæмæй уыцы фæндонæн кад кæной.

“Абон мах æруынаффæ кæндзыстæм Гуырдзыстоны хауæг фарстайыл. Фæнды нæ раттæм фадат гуырдзиаг адæмæн размæ цæуой европæйаг фæндагыл, æмæ нæ фæнды, цæмæй ацы фæндонæн уа кад. Растдæр ахæм удварнæй нымайæм уавæр æмæ здæхæм Гуырдзыстоны хицауадмæ”, – загъта Жан-Ноэль Барро.

Рымысын уын кæндзыстæм, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадт абон Люксембургы цæуы Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр минæвар Кай Калласы сæрдариуæгæй. Ныхасы сæйраг темæтæ сты Украинæйы хæст, Молдовайы уавæр, Евроцæдисы ахастытæ Индиимæ æмæ Ази-Сабыр фурды регионы бæстæтимæ, афтæ дæр Суданы уавæр.

Фембæлды кæрон плангонд у пресс-конференци, кæцы Тбилисы рæстæгæй 16:45 сахатыл сырæздзæн.