«Зестафоны» президент Гуырдзыстоны тырыса райтыгъдта Килиманджаройы цъуппыл #1TVSPORT
Илиа Кокаиа Африкæйы континенты сегасдæр бæрзонд цъитийыл, Танзанийы æмæ Кенийы арæнгæрон уæвæг Килиманджаромæ ( бæрзæнд -5895 метр) схызтис – информаци, футболон клуб «Зестафоны» официалон веб-фарс хъусын кæны.
Футболы клуб «Зестафоны» президент æмæ бизнесмен Илиа Кокаиа экспедицийы альпинизмы æмæ уæлхоз туризмы уарзджыьы къордимæ иумæ уыд, кæцыты æхсæн æндæр æмæ æндæр бæстæты æмбæстæгтæ уыдысты.
Цымидисон у уый, æмæ Килиманджаройы бæрзонддæр цъити Ухурумæ цыды рæстæджы, сегасдæр вазыгджын аклиматизаци цæуы нымад. Экватормæ хæстæг кæй у æмæ æрдзон зонæты нымæцы тыххæй, Африкæйы бæрзонддæр цъитимæ схизыны рæстæджы адæймаг рацæуы зæххыцъарыл уæвæг зæгъæн ис алыхуызон климатон зонæ.
Килиманджаромæ схизыны фæстæ Илиа Кокаиа хохы цъуппыл райтыгъдта Гуырдзыстоны паддзахадон тырыса.
Банысан кæнын хъæуы,ома футболон клуб «Зестафоны» президент, Илиа Кокаиайыл 3 октябры сыххæст ис 65 азы.