Зестафоны фæрсдзæуæн магистралон фæндаг байгом ис
Зестафоны фæрсдзæуæн магистралон фæндаг байгом ис

Рикъоты  магистралон фæндаджы арæзтады проекты фæлгæтты  Шорапан-Аргветы  фаыгыл Зестафоны фæрсдзæуæн фарасткилометрон   магистралон фæндаг  автотранспортæн  абонæй  фегом ис.

Хурыскæсæн-хурныгуылæны æхсæнадæмон магистралыл (Е60)  змæлæг  автотранспорты нал бахъæудзæн   горæт Зестафонмæ  бацæуын  æмæ спайда кæндзæн Зестафоны фæрсдзæуæн ног  фæндагæй, кæцы Аргветы   æлхынцъы цур ссиу уыдзæн хурыскæсæн-хурныгуылæны  тагъдцæуæн магистралимæ.

Ног фæндаг Зестафоны суæшгъд кæндзæн транзитон  змæлдæй æмæ фæкъаддæр кæндзæн магистралæй  балц кæнын рæстæг.  Фæрсдзæуæн фæндаг рацæуынæн  æрмæст æхсæз минут бахъæудзæн.

Зестафоны фæрсдзæуæн  9 км-он, цыппархаххджын цементо-бетоны  фæндагыл ис   цыппар тунел æмæ 11 хид.  Ног фæндаг Рикъоты  проекты  Шорапан-Аргветы  фдаыгы хай у, кæцыйы рагхыгъдгонд у 14.7 км-он  тагъдцæуæн  фæндаджы  арæзтад. Ацы этапыл  куыстыты 80% фæцис – 17 хидæй арызт сты  15 хиды æмæ  алыг кодтой  дæс тунелы иууылдæр.

Зестафоны  фæрсдзæуæн фæндаг, куыд  магистралон фæндаджы  алы фадыг нысаниуæгжынæй райрæзын кæнзæн  фæндагон æдасдзинады стандарт æмæ   сифтонг кæндзæн  комфортон  æмæ æнæкуылымпы  змæлд.

Уыимæ ма, ныридæгæн   цæуынц  æмбæлгæ процедурæтæ  ног магистралон  фæндаджы цур  бæлццæттæн  лæггады центр саразынæн, цы ран   рагхыгъдгонд уыдзæн  тыгъдадтæ, Зестафоны  традицион   тагъд хæлцады  объекттæн.

Рикъоты æфцæгы  фæндаджы арæзтады  фæлгæтты  арæзтцæуы  52 км-ы онг фæндаг, кæцыйыл уыдзæн 97 хид æмæ 51 тунел. Ацы рæстæгмæ  автотранспортæ ныридæгæн байгом ис  36 км фæндаг, арæзт сты  89  хид æмæ  лыг сты  50 тунелы.  Арæзтадон куыстыты  параллелонæй цæуынц   алы  баззайгæ  хиды æмæ тунелы  арæзтадон куыстытæ. Æмтгæй райсгæйæ  Рикъоты  магистралон ног фæндаджы 70%-æй  автотранспорт ныридæгæн  змæлы.

Шорапан -Аргветы фадыгыл магистралон фæндаджы арæзтад Азийы Райрæзты Банкы  (ADB) æххуысæй  цæуы. Рикхоты  æфцæгы фадыгы арæзтадон  куыстыты æмтгæйон  аргъ 2.6 миллиард лари у.  Проект 2024 азы  кæронмæ фæуыдзæн.  Абоны  уавæрæй, хурыскæсæн-хурныгуылæны  магистралон фæндаджы  276 км, кæнæ та  64% автотранспортæн ныридæгæнгом у.  Арæзтадон куыстытæ  дарддæр кæнынц  магистралы 66.1 климетрыл.