Зелимхан Хангошвилийы лæгмарддзинады гуырысхогонды идентификаци сыххæст, цалдæр боны фæстæ йæ ном уыдзæн алкæмæн зындгонд -эксклюзивон интервью фæдагурæг журналист Кристо Брозевимæ
Зелимхан Хангошвилийы лæгмарддзинады гуырысхогонды идентификаци сыххæст, цалдæр боны фæстæ йæ ном уыдзæн алкæмæн зындгонд -эксклюзивон интервью фæдагурæг журналист Кристо Брозевимæ

Зелимхан Хангошвилийы лæгмарддзинады гуырысхогонды идентификаци сыххæст, цалдæр боны фæстæ йæ ном уыдзæн алкæмæн зындгонд -эксклюзивон интервью фæдагурæг журналист Кристо Брозевимæ.

Лæгмардзинады фæдыл ныхас кодтам проект «Белингкаты» фæдагурæг Кристо Брозевимæ, кæцы Уæрæсейы æдасдзинады куыстимæ баст хъуыдтæгты къухдариуæг кæны.

Германаийы мардгонд Зелимхан Хангошвилийы, хъæу Дуисы абон бавæрдзысты.
Хъæу Дуисы, комы цæрджытæ Зелимхан Хангошвилийы бинонтæм мæсæллæ расидынæн сæумæрайсомæй цæуынц.
Гуырдзыстоны æмбæстаг, этниконæй цæцæйнаг, 40 аздзыд Зелимхан Хангошвили, Берлины, 23-æм августы хæцæнгарзæй амардтой. Гермайнаг медийы информацимæ гæсгæ, уый фехста хæцæнгарзæй нæлгоймаг, кæцы велойыл змæлыд, кæцы ныр ахст у. Лæгмарддзинады хæцæнгарз цæугæдонæй систой. Барадхъахъхъæнджытæ сидынц, цæмæй аххосагы фæдыл уыд ахст Уæрæсейы , 49-аздзыд æмбæстаг .

“Шпигелы” информацийæ, Гуырдызстоны лæгмарды фæлварæны фæстæ, Хангошвили Украинамæ афæндараст, кæцыйы бынæттон спецслужбæтимæ куыста æмæ уæрæсейы ныхмæ тох кодта. Дыккаг бабырсты фæстæ, 2015-æм азы Хангошвили Берлинмæ ныццыд æмæ политикон статус куырдта.

Гуырысхогонды идентификаци сыххæст, цалдæр боны фæстæ йæ ном уыдзæн алкæмæн зындгонд, -эксклюзивон интервью фæдагурæг журналист Кристо Брозевимæ.