Заза Саралидзе – сидын адæммæ мæ фарсмæ æрлæут, цæмæй процесстæ политикон хуыз ма райсой
Заза Саралидзе – сидын адæммæ мæ фарсмæ æрлæут, цæмæй процесстæ политикон хуыз ма райсой
Мæнæн политикæ ницы нысан кæны, æз дæн хуымæтæг, уæ хуызæн адæймаг – уый фæдыл журналисттæн Заза Саралидзе раисдтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, уый нæ тох кæны уымæн, цæмæй йæ тох искæцы политикон парти спайда кæна.
«Æз нæ тох кæнын уымæн, цæмæй исчи кæнæ искæцы политикон парти спайда кæна ацы ситуацийæ. Сидын адæммæ мæ фарсмæ æрлæут, цæмæй процесстæ политикон хуыз ма райсой»- сиды Саралидзе.
Мæн фæнды æрмæст рæстдзинад базонон æндæр ницы курын – банысан кодта Саралидзе.