Заза Саралидзе – мæн сæ хъахъæд нæ хъæуы
Мæн сæ хъахъæд нæ хъæуы –ахæм дзуапп ратта Заза Саралидзе акцийыл мидхъуыдтæгты министрады разæвæрдæн, æвдисæгты специалон программайы фæдыл.
«Хицауад аскъуыддзаг кодта мæ бахъахъæнын.Æхсæз мæй æз уыдонæн лæгъстæ кæнын бахъахъæной мæ сыввæлоны бартæ æмæ уыдон мæн ницæмæ дарынц æмæ мæ фырты уды тутæ кæнынц. Цæттæ дæн мæ фырты кады тыххæй æмæ мæ гуырдзийаг фидæнæн ам ныккалон мæ туг. Кæмæй мæ хъахъæнынц ацы хицауад нæ йæ æмбарын» – расидтис Заза Саралидзе акцийыл.
Снысангонд провокацитæ гæннæ ис, пайдагонд уой бæстæйы дестабилизацийы нысанæй.
Риск бæрзонд кæй у æмæ ис цардæн реалон тæссагдзинад, мидхъуыдтæгты министрад Заза Саралидземæ сиды æвдисæгты хъахъæды специалон программæ” – ис ф»ст министрады расидæны.