Зарæггæнæг æмæ артист Гио Хуцишвилийы, Сабурталойы уæлмæрдыл бавæрдтой
Зарæггæнæг æмæ артист Гио Хуцишвилийы, Сабурталойы уæлмæрдыл бавæрдтой.
Гио Гхуцишвилийы æмбæстагон паннихидæйыл уыдысты æмæ йæ бинонтæн мæссылтæ дзырттой партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрадр Бидзина Иванишвили, сæйраг сахары мэр Каха Каладзе, «Гуырдзиаг Бæллиццы» депутаттæ æмæ дзыллæйы минæвæрттæ.
Зарæггæнæджы æмбæстагон панихидæ ацыд Сабурталойы уынгыл уæвæг Амагълебайы номыл аргъуаны.
Зарæггæнæг æмæ артист Гио Хуцишвили 56 азы кары, уæззау низы фæстиуæгæн 11 июны амард.
Сценæйыл карьерæйæ дарддæр ма, Гио Хуцишвилийы айстой 10-ы онг фильмы, сæ нымæцы «Уарзондзинад алкæй дæр хъæуы(Сихъварули хъвелас унда)», «Хареба æмæ Гогиа», «Тбилис мæ хæдзар у ( Тбилиси чеми сахлиа)».
29 майы Тбилисы концертон залы раз, Гио Хуцишвилийы номыл стъалы байгом ис.