Зæххытыл сæрмæмулкы бары регистрацийы æмгъуыд 2019 азы фыццаг январмæ адарддæр уыдзæн
Зæххытыл  сæрмæмулкы  бары  регистрацийы  æмгъуыд  2019 азы   фыццаг январмæ  адарддæр уыдзæн

Гуырдзыстоны  зæххы  регистрацийы   реформæйы   фæлгæтты,  зæххытыл  сæрмæмулкы  бары  регистрацийы  æмгъуыд  2019 азы   фыццаг январмæ  адарддæр уыдзæн.   Æмбæлон ивдтытæ,   «Паддзахадон  проекты фæлгæтты  зæххы  фадыгыл  системон  æмæ  специалон регистрацийы  уагы æмæ   кадастрон    бæрæггæнæнты  æххæстаргъджын скæныны  фæдыл» закъонмæ цæуы  хаст, кæцыйы  зæрдыл даргæйæ,  регистраци æмгъуыд  2018 азы  фыццаг июлы  онг  уыд.

«Зæххы регистрацийы  реформæ æнтыстджын кæй  у,  уый  фæбæрæг цæрджыты  бæрзонд активондзинадæй. Зæххыл  срмæмулкы  бары  регистрацийы  æркуырдæй,   агентадмæ  æрвылбойнонæй  бавдыстæуы  1500-2000-ы онг  куырдиат,  хицæн бонты  куырдиæтты  нымæц та, боны мидæг  5000-æй  дæр ахизы. Абоны уавæрæй,  агентады  куыст  цæуы  105  712  куырдаитыл.

Сæрмагондæй  та, 23 394  куырдиат  сæрмæмулкы  нымадмæ райсты  фæдыл   уынаффæ  рахæссыны  нысанæй  æрвыст æрцыд  æмбæлон муниципалитеты  æххæстгæнæг  органимæ  уæвæг  хивæндæй  ахст  зæххыл,   сæрмæмулкыл банымады камистæм,  æрмæст 60 000-æй  фылдæр  фииуæныл та,   регистрацион  куысты  фæлгæтты,  æндæр æмæ  æндæр  администрацион органтæй  хъæугæ  документаци бацагуырды процесс цæуы.  Афтæмæй,   закъоны  архайды  æмгъуыдты пролонгаци, нысаниуæгджын  у  куыд   цæугæ  регистрацион  куыстыты  æнтыстджынæй кæронмæ сæххæст кæнынæн, афтæдæр  интересджын уæнгты  бирæнымæцон куырдиæттæй рацæугæйæ. Уымæй уæлдай ма, закъоны  архайды  æмгъуыды пролонгаци актуалон  у  хицæн  паддзахадон  проектыты  афоныл  æмæ   æнæкуылымпыйæ  сæххæст кæнынæн,  кæцы  регистрацигонд бæрæггæнæнты   уæвыны формæйæ,  зæххы  бардарæгы  идентификаци  æркурдзæн» – банысангонд у  закъонопроекты  æмбарынгæнæн  фыстæджы.