Зæйы тæссагдзинады, стыр митуард æмæ æвзæр уынды аххосагæй, автомагистралты хицæн хæйттыл æххæстгонд цæуынц арæнæвæрдтæ
Националон экологион агентады информацийæ, æппæтдунеонæй нысаниуæгджын Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомагистралыл Гудаури-Къобийы хайыл зæйы тæссагдзинады æмвæзад бæрзонд у, цæй тыххæй дæр ацы хайыл рæстæгмæ тобæгонд у алы хуызы фæндагон змæлд. Уый фæдыл информаци парахат кæны Фæндæгты хæдзарады управленийы.
Æндæр здæхтыты фæдыл та, фæндæгты департаменты информацимæ гæсгæ, зæйы тæссагдзинад, тыхджын митуард, æвзæр уынд æмæ митуарды аххлсагæй, рæстæгмæ арæнæвæрд у алы хуызы фæндагон змæлд: Бетаанийы аргъуанмæ бацæуæн фæндагыл, Мцхета-Шиомгъвимы моладзандоны 6-æм км-ыл, Амлеви-Обетийы трассæйыл Ничбиси-Дидгори-Диди Тонеты автомагистралыл, Паравнийы ахизæныл, Батумы-Ахалгоры автомагистралыл Годердзи-Уткисубаны хайыл æмæ Меле-Лсдилийы хайыл.
Уымæй уæлдай ма, фæндæгты департаменты информацийæ, интенсивон сыгъдæггæнæн куыстыты фæстиуæгæн, Вазиани-Гомбори-Телавы фæндагы Верона-Телавы хайыл æнæфæндаггон хæдтулгæты змæлд сног ис, æндæр типы хæдтулгæты змæлд та тобæгонд у.