Washington Post – Путин цæттæ нæу Уæрæсейы æфсады оккупацигонд Херсон æмæ Запорожьейы регионтæ Украинæмæ раздахын
«Уæрæсейы президент цæттæ нæу Украинæмæ раздахын Херсоны æмæ Запорожьейы регионты уыцы хæйттæ, кæцытæ уырыссаг æфсады контролы бын сты» – фехъусын кодта «Вашингтон Пост»-æн АИШ-ы сæрмагонд минæвар Стив Уиткофф æмæ Владимир Путины æхсæн бадзырдты мидисимæ зонгæ истæг.
«Вашингтон Пост» фыссы, цæмæй 6-æм августы, Уиткоффимæ фембæлды рæстæджы, Путин æрдомдта, цæмæй Киев ныууадза Донбассы, уый тыххæй сразы уыдзæн æхсты фæурæдыл æмæ ныртæккæйы фронты конфликт æруромыны тыххæй.
Публикацийы банысангонд у, цæмæй уый фæстæ, Дональд Трамп Владимир Зеленскийимæ æмæ цалдæр европæйаг лидеримæ ныхас кодта, иуæй-иу хайадисджытæм фæзынд ахæм тæлмæн, цæмæй Владимир Путин Херсон æмæ Запорожьейы регионтæм йæ претензитæ ныууагъта.
«Вашингтон Пост»-ы информацийæ, афтæ дæр америкаг фарс Путины фæндон банкъардта, куыд Уæрæсе цæттæ у Запорожьейы æмæ Херсоны регионтæй æфсæддонты ракæнынмæ, фæлæ Кремль цæттæ нæу оккупацигонд территоритæ раттынмæ.
«Аксиос» куыд хъусын кæны, афтæмæй фæстæдæр АИШ-ы сæрмагонд минæвар Стив Уиткофф европæйаг лидертæн сбæлвырд кодта, цæмæй Владимир Путин æрмæстдæр цæттæ у Запорожье æмæ Херсоны фронты хаххыл конфликт æруромынмæ.