Washington Post – Иракъ æмæ Сирийы Гуырдзыстонæй тох кæнынмæ ацæугæ 50 адæймаг, фыдыбæстæмæ æрыздæхт

«Ныр, кæд æмæ «Исламон паддзахад» фембылд Иракъ æмæ Сирийы, кæдæм цæуынц тохгæнджытæ» – ахæм номхуындæй парахат кæны америкаг ралæвæрд Washington Post.

Статьяйы ис хаст Soufan Center æмæ «Глобалон стратегийы хызы» иртаст, кæцымæ гæсгæ, «Исламон паддзахад» -ы ныппырхы фæстæ фыдыбæстæмæ 5 600 тохгæнæг аздæхт. Soufan Center -ы иртасты номхуынд «Халифаты арæнгæрон, фæсарæйнаг тохгæнджытæ æмæ  тæссагдзинад». Документы ис хаст æрбадæтæгтæм гæсгæ, Гуырдзыстонæй Иракъ æмæ Сирийы джихадистты рæнхъыты тох кæнынмæ 200-йæ фылдæр адæймаг ацыд, уыдонæй 50 фыдыбæстæмæ æрыздæхт, 50-йæ фылдæр та ныры онг дæр сты тохы эпицентры.

Афтæ дæр иртастмæ гæсгæ, Иракъ æмæ Сирийæ алкæмæй фылдæр – 900 тохгæнæг Туркмæ ацыд. 2014-2017 æм азты Туркæй «Исламон паддзахды» рæнхъыты 1500 тохгæнæг уыд. Сауды Арваийæ 3000 адæймаг, уыдонæй 760 æрыздæхт фыдыбæстæмæ.

1200 тохгæнæг æрыздæхт Европамæ- Стыр Британимæ -400, Францмæ -271, Германимæ – 300. Уæрæсейæ Сиримæ мææ Иракъмæ ацæугæты нымæц – 3 400 уыд, уыдонæй 400 æрыздæхт фæстæмæ Уæрæсемæ.