Wall Street Journal – Трампы экс-амонæг гæнæн ис æмæ Фетхюла Гюлены скъæфты бацæттæйы фæахосджын кæной
Wall Street Journal – Трампы экс-амонæг гæнæн ис æмæ Фетхюла Гюлены скъæфты бацæттæйы фæахосджын кæной

Wall Street Journal – Трампы экс-амонæг гæнæн ис æмæ Фетхюла Гюлены скъæфты бацæттæйы фæахосджын кæной. Уый фæдыл информаци америкаг алæвæрд Wall Street Journal фыссы специалон прокурор Роберт Мюллеры, Трампы экс0амонæг Майкл Флин æмæ Туркы хицауады æхсæн вæрд бадзырд иртасы. Журналистты информацийæ, Флин æмæ йæ фырт, Гюлены  Туркмæ алæвæрды бæсты, 15 милуан доллар райсдзысты. Ралæвæрд фыссы, цæмæй бадзырды фæдыл информаци фæдагурджытæ 2016-æм азы АИШ-ы президентон æвзæрстыты Уæрæсейы бастдзинады хъуыдтагыл куысты рæстæджы райстой. Уæдмæ та агентад Рейтерс апарахат кодта информаци, цæмæй Майкл Флины бизнеспартнер, централон бæрæгдзауон æмарæзты экс- директор Джеймс Вулс дыууæ туркаг бизнесменæн Гюлены дискридитацийы нысанæй кампанийы сарæзт фæндыд æмæ уый бæсты 10 милуан доллар æркуырдта. Флины адвокаттæ, медийы апарахатгонд информаци стыр гæды ныхасæй хонынц.