Володимр Зеленски – Черниговыл Уæрæсейы бырстæн украинаг æфсæддæт банкъаринаг зуапп ратдзысты
Черниговыл Уæрæсейы бырсты тыххæй укринаг æфсæддæттæ банкъаринаг дзуапп ратдзысты, – уый фæдыл Украинайы президент Володимир Зеленски 19 августы æрвылбойнон видео-сидты райхъусын кодта. Зеленски банысан кодта, цæмæй Уæрæсейы ракетæйы æрхауды фæстиуæгæн горæты авд адæймаг амард, сæ нымæцы æхсæз аздзыд чызг, æрмæст цæфты æхсæн 15 сывæллон ис.
«Ракетон хафт горæты центрыл сыххæст ис религион бæрæгбоны, рæстдинон бæрæгбоны. Уырнæг дæн, цæмæ нæ хæцджытæ Уæрæсейы ацы терактæн сдзуапп кæндзысты, æмæ дзуапп уыдзæн банъкаринаг», – райхъусын кодта Зеленски.
Бакой уын кæндзыстæм Уæрæсе баллистикон ракетæйæ Черниговы центры знон, 10:30 сахатыл ныххафта. Фæстаг бæрæггæнæнтæй, амард авд æмæ зиæнттæ райстой 148 адæймаг. Хафт сыххæст ис драмон театрыл, цы ран цыдис дронтæ аразджыты æмæ уæлдæфон рагысгарыны ахуыргæнæндæтты минæвæртты æмбырд.