Володимир Зеленский йæ къух æрфыста закъоныл, кæцы сног кæны коррупцийы ныхмæ националон бюройы æмæ коррупцийы ныхмæ сæрмагонд прокуратурæйы хæдбардзинад
Украинæйы президент Владимир Зеленский йæ къух æрфыста законыл, кæцы коррупцийы ныхмæ националон бюройы æмæ коррупцийы ныхмæ сæрмагонд прокуратурæйы хæдбардзинад сног кæны.
Закъон Уæлдæр Рада цалдæр боны размæ сфидар кодта 331 хъæлæсæй.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын æппæт депутаттæн мæ закъоны проекты райсты тыххæй, кæцы ныр у закъон.Уый у гаранти антикоррупцион органты, нæ бæстæйы æппæт барадхъахъхъæнæг органты нормалон, хæдбар куыстæн», -расидтис Владимир Зеленский.
Украинæйы лидеры ныхасмæ гæсгæ, паддзахадæн тынг нысаниуæгджын у æхсæнадон хъуыдымæ байхъусын.
«Украинæ демократи у, уый æнæдызæрдыгæй у.Бæрзонд рангы бæрнонтæ уайтагъд фехъусын кæндзысты украинаг партнертæн ацы законы фæдыл», -расидтис Владимир Зеленский.
Афтæмæй, 22-æм июлы райсгæ скандалон закъоныпроект, кæцыйы нысан уыд дыууæ ведомствæйæн сæ хæдбардзинад байсын æмæ сæ Генералон прокуратурæйы дæлбар бакæнын, урæд æрцыд.