Володимир Зеленски Владимир Путинмæ æрсидтис бадзырдтæ ауадзынмæ
Володимир Зеленски Владимир Путинмæ æрсидтис бадзырдтæ ауадзынмæ

Ай  нæу æрмæст Украинамæ Уæрæсейы  лæбурд, ай  у   хæсты райдайæн  Европæйы, Европæйы иудзинады ныхмæ, –  уый фæдыл   Украинайы  президент Володимир Зеленски  видео-сидты  райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй,   хæсты цыдмæ  кæсы  æппæт Европæ  æнæхъæнæй.

«Германийы  канцлер  Олаф  Шольц  знон Украинамæ  Уæрæсейы  интервенцийы тыххæйрайхъусын кодта, цæмæй  Европæ  ахæм  уавæр  фæстаг 75 азы  дæргъы  нæ федта.  Ай  у рæстдзинад.  Фæлæ æххæст рæстдзинад нæу.  Ай нæу æрмæст Украинамæ  Уæрæсейы  лæбурд, ай у  хæсты райдыд  Европæйы Европæйы  иудзинады  ныхмæ.   Европæйы  адæймаджы  барты ныхмæ,  континентыл цæрын алы фæткæвæрды ныхмæ.  Уый ныхмæ, цæмæй  европаг  паддзахадтæ  нæйы дзурынц  арæнты  тыхæй  ныддих кæныныл.  Нырид дыккаг бон у, Украинайы   горæттыл  цæуы  ракетон   цæфтæ, танкон  колоннæтæ æмæ  авиалæбурдтытæ, кæцытæ максималонæй   сты, Европæ рагæй цы  федта  уый æнгæм – Дыккаг Дунеон Хæсты рæстæджы,  æмæ цæуылдæр  дзырдтæ цæмæй   никуыуал «сфæлхатт уыдзæн». Фæлæ  та  мæнæ, 2022  азы, Дыккаг дунеон  Хæсты фæудæй    75 азы  сæрыл.   Уырнæг дæн, цæмæй  ай æппæт уынут,  æнæхъæн европæ  уыны.  Фæлæ мах нæ уынæм  æххæстæй,  цы саразын хъавут  уый тыххæй.  Куыд хъавут   сæрмагонд  сæрыл хæцын,  афтæ сындæггай нын куы æххуыс  кæнут Украинайы?»- райхъусын кодта  Зеленски.

Зеленски куыд дзуры  афтæмæй,  нырма  ис  гæнæн агресси бауромын æмæ уымæн  хъæуы  Европаг паддзахадтæй  æнæаргъæвгæйæ  архайын.

Уыимæ  Володимир Зеленски   æрсидтис  Уæрæсей президентмæ, цæмæй рабадой  бадзырдты фынгы цур, цæмæй  бауромой  адæймæгты  цагъд.

«Фæнды мæ ноджы иу  хатт  басидын Уæрæсейы  Федерацийы президентмæ. Украинайы  æппæт территорийыл  цæуы  хæст. Цæй ма  рабадæм  бадзырдты фынгыл, цæмæй  бауромæм адæймæгты цагъд. Ныр та мæ фæнды  зæгъын   Украинайы  гарзджын тыхтæн,    фидар ут!  Сымах стут   нæ паддзахад  цы  иргъæвы   уый æппæт. Æнусты Кад Украинайæн. Слава Украине!» –   райхъусын кодта Володимир Зеленски.