Володимир Зеленски - Украинайы хæъуы хæцæнгарз, науæд татыхыбын бауыдзыстут æндæр бæстæтæн дæр арвитат хæцæнгарз, Гуырдзыстон,Молдовæ, Балтигæрон, Польшæ, Астæккаг Азийы бæстæтæ

Украинайæн  фарсхæцын хъæуы  ацытæкæ. Украинайы  хæъуы  хæцæнгарз, науæд та  тыхыбын бауыдзыстут  æндæр  бæстæтæн  дæр   арвитатхæцæнгарз фидæны.  Хъуыды кæнæм, цæмæй  ай у Гуырдзыстон, Молдовæ, Балтийгæрон  падздахадтæ, Польшæ æмæ Астæуккаг Ази –  ацы ныхæстæй баздæхт  Украинайы презиент  Володимир Зеленски  «Стыр Авды» уæнгтæм.

«Цас рæхджы  сыххæст кæндзыстут нæ  æркуырд, уый йас тагъд æрлæудæн  сабырад Хурыскæсæн Европæйы. Уый у нæ  интересты.  Уый у уæ интересты. Уый у  алы демократийы  интересты, уымæн æмæ демократитæ хæдиргъæфхъом хъуамæ  уой.  Цард хъуамæ фæуæлахиз уа  мæлæтыл» – банысан кодта Зеленски.

Зеленски ноджы иу  хатт æрсидтис лидертæм, тыхбын бакæной  Уæрæсейы  Федераци  хæст фæуромын  æмæ æфсæддон   фыдракæндтæ  Украинайы  территорийыл.

«Æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ  архайæм.  Æнæаргъæвгæйæ  бауромут  уырыссаг æфсæддæ,  фесафут  сæ Украинайы территорийæ.

Ныр Уæрæсейы ныхмæ  санкциты æлхъывд хъуамæ стыхджындæр уа, уымæн æмæ уырыссаг марæг  машинæ хъуамæ ныллæууа.  Сфидар кæнут  эмбарго Уæрæсейæн.  Æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй  Уæрæсейæн ацы хæсты ма уа  «GPS»-æй пайда кæныны бар. Уый у иттæг нысаниуæгджын, уымæн æмæ Уæрæсейæн хъуамæ арæнгонд уа  сабыр горæтты бомбæтæ æмæ ракетæтæ æхсыны фадат.

Уырыссаг банктæ  æмæ сегасдæр сæйраг, Уæрæсейы  Централон банкæн хъуамæ  æххæст блокадæ  глобалон  финансон  системæйæ.  Æфсæддон  фыдракæнды автортæ æнæхцайæ хъуамæ баззайæд, æрмæст сæ ссалд  активтæ та Украинайы рекоснтрукцийыл  бахардз уæд» – райхъусын кодта Украинайы президент.