Володимир Зеленски хъусын кæны, цæмæй  уырыссаг æфсæддæттæ Украинæйы æрдæм сæдæйæ фылдæр ракетæ æмæ  сæдæйы  бæрц  «камикадзе» дронтæ  ауагъдтой
Володимир Зеленски хъусын кæны, цæмæй уырыссаг æфсæддæттæ Украинæйы æрдæм сæдæйæ фылдæр ракетæ æмæ сæдæйы бæрц «камикадзе» дронтæ ауагъдтой

Володимир Зеленскийы  фидиуæнæй,  уырыссаг æфсæддæттæ   Украинæйы   æрдæм сæдæйæ  фылдæр ракетæ æмæ   сæдæйы   бæрц æнæпилот тæхæн апараты  ауагъдтой.

Уый фæдыл  Украинæйы президент  специалон видео-сидты   фæныхас кодта.

Зеленскийы  аргълæвæрдæй, Уæрæсейы æрдгæй абон  сæумæрайсом  сæххæст  хафт   хæсты  цыды периоды  иуæй-иу сеппæтæй  масштабон  уыд æмæ Уæрæсе   сæдæйæ  фылдæр æнæр æмæ æндæр типы  ракета  æмæ  сæдæйы  бæрц   «камикадзе»   дронтæ  ауагъдта.

«Уæрæсейы  раздæрон   бырстыты  фылдæры  хайы  куыд уыд,   афтæ ацы бырст дæр   у  мæнгард,  хафт сыххæст   критикон  æмбæстагон инфратсруктурæйы ныхмæ», –   дзуры   Зеленски.

Украиæйы  преиденты дзырдæй,  зæгъгæ бырсты фæстиуæгæн бирæ  энергетикон   объект базиан ис, фæлæ  йæ  дзырдæй,  алкуыран, кæмдæр электронергийы  раиу кæнын бахъуыд, ныридæгæн цæуынц  сноггæнæн  куыстытæ.

Зеленским а бафтыдта, цæмæй  Владимир Путинæн «йæ  бон у æрмæстдæр уый ракæнын, цæй бар дæр йын дæтты  дуне.  Лæмæгъдзинад, æнæгъгъæд  уынаффæтæ æмæ  дзуапп –   терроры тыхджын кнынц».

Володимири Зеленскийы  фидиуæнæй, алы лидер, Украинæйы алы  партнер зоны, цы уынаффæтæ  хъæуынц  хæст бауромынæн æмæ уый  рæстагæй саразынæн.