Володимир Зеленски -  хæцæнгарз ркалын нæ  хъавæм цалынмæ нæ фæуæлахиз уыдзыстæм уæдмæ
Володимир Зеленски - хæцæнгарз ркалын нæ хъавæм цалынмæ нæ фæуæлахиз уыдзыстæм уæдмæ

Хæцæнгарз æрывæрын нæ  хъавæм цалынмæ нæ фæуæлахимз уæм уæдмæ – ахæм дзуапп ратта Украинайы президент  Володимир Зеленски  украинаг телекомпани «Украина24»-ы  эфиры  хакерон  бырсты  фæстиуæгæн ацæугæ  фидиуæнæн, цæвиттон Украинайы  преиздент капитуляцийы тыххæй райхъусын кодта.

Володимир Зеленски   ахæлиугонд видеосидты  банысан кодта, цæмæй  хæцæнгæзтæ æрывæрын йæ бон у æрмæст  уырыссаг æфсæддæн банхъарын.

«Фæстаг сывæллонау  провокацийæ, цæвиттон æнхъарын хæцæнгæрзтæ æркалын. Хæцæнгæрзтæ æркалын  æмæ хæдзармæ æрыздæхыны  банхъарын мæ бон  Уæрæсейы Педерацийы  æфсæддæн.  Мах та нæхи хæдзары стæм, хæцæм нæ зæххы  тыххæй, нæ  хъæбулты æмæ  бинонты тыххæй.   Афтæмæй,  ницы хæцæнгарз раттын нæ хъавæм  цалынмæ нæ  фæуæлахиз уæм уæдмæ» –   райхъусын кодта Зеленски.

Телеканал «Украина24»-ы  фидиуæнæй,   абон зæгъгæ  знаджы хакертæ   басастой  телекомпанийы  эфиры  змæлгæ  рæнхъ æмæ  веб-фарс, кæцыйы публикаци скодтой капитуляцийы  фæдыл Зеленскийы  мæнг фидиуæн.