Володимир Зеленски – Кæддæр Уæрæсе  тыхбын бауыдзæн  махимæ æрныхас кæнын,  цæмæй  куыд скæнæм кæрон  хæцæн архæйтытæ æмæ ацы лæбурд
Володимир Зеленски – Кæддæр Уæрæсе тыхбын бауыдзæн махимæ æрныхас кæнын, цæмæй куыд скæнæм кæрон хæцæн архæйтытæ æмæ ацы лæбурд

Украинайы президент, Володимир Зеленски Киевыл бомбæппæрсты  фæстæ  цæрджытæм раздæхт.

Зеленски куыд банысан кодта  афтæмæй,   зæгъгæ  мæнг у Уæрæсейы  фидиуæн,  цæмæй  сæ нысан не сты  æмбæстагон  объекттæ.

«Уыдон дзурынц, цæмæй  æмбæстагон объекттæ не сты  сæ нысан, уый мæнг, уыдон нæ кæсынц,  кæм архайынц.  Æхсынц  æфсæддæттыл æмæ   сабырадон æмбæстæгты дæр.  Ацы бырсты нысан у æлхъылвд. Æлхъывд сымахыл  ме мбæстæгтæ, æлхъывд  æппæт дзыллæйыл» – райхъусын кодта Зеленски.

Афтæма  йæ  дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсе, кæддæр  тыхбын бауыдзæн  Украинаимæ ныхас кæнын ууыл,  цæмæй  куыд хъуамæ фæуа  хæцæн архæйдтытæ.

«Украинæгтæ  æвдисынц æцæг æхсардзинад.  Уырыссаг æфсад  бирæ  æрдæм   баурæдтам.   Цæуы  тох, Уæрæсейы  бырст дарддæр кæны.  Уыдон архайынц,  бафæллайын нæ кæной, фæлæ  мах фæллад нæ зонæм. Кæддæр  Уæрæсе тыхыбын бауыдзæн    махимæ  ныхас кæнын, цæмæй  куыд  скæнæм кæрон  хæцæн архæйдтытæн  æмæ ацы  лæбурдæн.  Цас   рæхджы дæр райдайдзæни ацы ныхас,  уый йас  къаддæр уыдзæн   сæфт, уый нымæцы  уырыссаг фарсы рдгæй дæр», – загъта Зеленски.

Видеосидты  кæрон  Украинайы президент  уырыссаг адæммæ  æрсидтис  уырыссаг æвзагыл  æмæ сын Уæрæсейы  Украинамæ лæбурды  ныхмæ   акциты  хайад райсын тыххæй  раарфæ кодта.

«Уæрæсейы  алы æмбæстагæн, кæцы  протестон  акцитæм рацæуы,   фæнды мæ  зæгъын уын:  Федтам уæ.  Уырдгæй бæрæг у, цæмæй  нæ  сидт фехъуыстат,   уырны уæ,  тох кæнут  мах тыххæй,   тох кæнут хæсты  ныхмæ», –  райхъусын кодта Зеленски.