Володимир Зеленски – Европæ æмæ Дуне, мауал хъуамæ бауадзой ахæм трагикон фæзындты рафæлхатт, кæцы нырид æрцыд 2008 азы Гуырдзыстоны

16:36, 22.02.2022

Европæ æмæ Дуне,  мауал хъуамæ бауадзой ахæм трагикон фæзындты рафæлхатт, кæцы нырид æрцыд 2008  азы  Гуырдзыстоны- уый фæдыл   Украинайы  президент  Володимир Зеленски, Эстонийы  лидеримæ Киевы  уагъд иумæйаг  пресс-конференцийыл   райхъусын кодт.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  Уæрæсесйы  архайд у  прецедент  цæмæн  нæй  ахæм æртхъирæн  æнæрмæст Украинамæ, фæлæ ма  Европæ æмæ дунемæ дæр.

«Уæрæсейы æрдгæй  а.х.  Донецк æмæ Луганскы  адæмон республикæты  банымады уынаффæ  у Мæскуыйы  ног агресси  Украинайы  ныхмæ, кæцыйæн æнæмæнгхъæугæ  у  æнæаргъæвгæ  æмæ скуыддзаггæнæг   реакци æхсæнадæмон партнерты æрдгæй.  Ацы уынаффæйæ, Уæрæсе  юридикон  бындур  сарызта  Украинайы ныхмæ  агресси адарддæр кæнынæн.

Уæрæсейы  архайд у  прецедент цæмæн нæй  ахæм æртхъирæн æнæрмæст Украинамæ, фæлæ ма  Европæ æмæ дунемæ дæр. Абон  Украинайы хъуамæ аскуыддзаг уа  Европæйы  æдасдзинады сомбон, кæцыйы хай  у  Украина.  Европæ æмæ Дуне,  мауал хъуамæ бауадзой ахæм трагикон фæзындты рафæлхатт, кæцы нырид æрцыд 2008  азы  Гуырдзыстоны» –  райхъусын кодта  Володимир Зеленски.

Хуыздæр