Владимир Зеленски – Киев æмæ Тбилисы æхсæн политикон диалогæн ног импульс фæзынд, нæ рард у стратегион партнерады формат, конкретон проекттæй баххæст кæнын
Украинайы президент Владимир Зеленскийы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы Украинамæ визит дыууæ бæстæйы æхсæн стратегион партнерад фæфидардæр кæнынæн иттæг нысаниуæгджын у.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Киев æмæ Тбилисы æхсæн политикон диалогæн ног импульс фæзынд.
«Арфæгæнæг дæн Саломэ Зурабишвилийæн, нæ гуырдзиаг хæлæрттæн Украинайы. Ай у фыццаг официалон визит, кæцы иттæг нысаниуæгджын у бæстæты æхсæн стратегион партнерад стынг кæнынæн. Нæ сæйраг горæтты, Киев æмæ Тбилисы æхсæн политикон диалогæн та ног импульс фæзынд. Нæ иумæйаг рард у Украина æмæ Гуырдзыстоны стратегион партнерады формат бафсадæм реалон мидисæй æмæ конкретон кæрæдзийæн æххуысы æмæ не хсæн бæрзонд æмвæзады æууæнкы бындурыл», – райхъусын кодта Зеленски.
Украинайы президенты дзырдæй, зæгъгæ Украина æмæ Гуырдзыстоны иу кæнынц иумæйаг нысæнттæ Евроцæдис æмæ НАТО-ы æххæстаргъджын уæнгтæй суæвыны фæдыл.
«Афтæдæр æхсызгонд банысан кæнæм нæ позициты æмхуызондзинад Хурыскæсæн Патрнерады дарддæр райтынгы фæдыл. Украинайæн æмæ нæ партнертæн иуæй-иу нысаниуæгджын рард у Сау Денджызы регионы æдасдзинады æмгуыст стынг кæнын. Сау Денджыз хъуамæ уа æдас акватори сæрибар базарады æмæ денджызы цыдæн. Архайæм, стынг кæнæм ахастытæ партнер паддзахадты флотты æхсæн Сау Денджызы. Активонæй кусæм ацы инициативæйы фæдыл Гуырдзыстонимæ æмæ æндæр сыхæгтимæ, ныфс мæ ис, цæмæй тагъд фендзыстæм конкретон прогресс», – райхъусын кодта Владимир Зеленски Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ иумæйаг пресс-конференцийы рæстæджы.