Владимир Путин – Уæрæсе рагфæдзæхæстон дзуапп ратта  агрессийæн,  уый уыдис тыхыбын, афоныл æмæ иунæг  раст уынаффæ
Владимир Путин – Уæрæсе рагфæдзæхæстон дзуапп ратта агрессийæн, уый уыдис тыхыбын, афоныл æмæ иунæг раст уынаффæ

Мæскуыйы  дыккаг дунейон  хæсты  уæлахиздзинад банысан кæнынæн традицион  парад цæуы.   Цъус рæстæг размæ  Сырх Фæзыл  æрымбырдуæвæг  æфсæддæттæм  æмæ  бæрзонд гæстæм  раздæхт Уæрæсейы  президент. Владимир путин  дзырдæй   ралæуды рæстæджы   сæйраг акцент  раздæхта  Украинайы рдæм æмæ цæугæ хæст схуыдта  специалон æфсæддон  операцийæ.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ уырыссаг æфсæддæттæ  Украинайы  донбассаг адæмы тыххæй  хæцынц. Владимир Путин   ноджы иу  хатт  хаххгондæй банысан кодта, цæмæй Уæрæсе  раст уынаффæ рахаста.

«Ивгъуыд азы  декабры  рацыдыстæм  æнхъарæнæй, æрныхас кæнæм  æдасдзинады гарантитыл. Уæрæсе   æрсидтис  ныгуылæнмæ  намысджын диалогмæ  æмæ  зондджын, компромиссджын  уынаффæ рахæссынмæ, кæрæдзийы интерестæ  нымадмæ исыны фæдыл.  Бынтон дзæгъæлы.  НАТО-ы  бæстæтæ  не  сфæнд кодтой мах бамбарын, уый та нысан кæны, цæмæй  сын   бынтон æндæр плантæ  ис.  Мах уый фæфиппайдтам. Æргомæй  цыдис   радон æфхæрæн  операцимæ цæттæдзинад Донбассы æмæ нæ историон  зæххытæм æрбабырсынмæ,  уый нымæцы  Хъырыммæ. Киевы  дзырдтой  атомон хæцæнгарз саразыныл.  НАТО  райдыдта  йæ  арæнты æддæ уæвæг территориты  активон   хион кæнын.

Уæрæсе  рагфæдзæхстон  дзуапп ратта  агрессийæн.  Уый уыдис  тыхыбын, афоныл æмæ  иунæг раст  уынаффæ.  Уый уыдис  фидар, суверенон  æмæ  хæдбар бæстæйы   уынаффæ.  Абон , донбасаг хæцджытæ  Уæрæсейы  æфсадимæ иумæ,   сæрмагонд зæххыл  хæцынц.  Ныр уæм сидын, гарзджын тыхтæм  æмæ донбасаг  хæцджытæм –  сымах хæцут   фыдыбæстæ æмæ  уæ фидæны тыххæй, цææмй мачи макуыуал ферох кæна  Дыккаг Дыунейон хæсты  уроктæ, ома Дунейы мауал уа  нацистты æмæ  æфхæрæг балты бынат» –   загъта Путин.

Банысан кæнын хъæуы, цæмæй ацы  аз сырх фæзыл  ацæугæ парады иунæг фæсарæйнаг  уазæг дæр нæй. Уыимæ  цъус рæстæг размæ  бæрæг ссис, цæмæй  æвзæр боныгъæды тыххæй парады хайад нæ исдзæн авиаци.