Уæрæсейы президенты Владимир Путины дзырдæй, Уæрæсе АИШ-имæ диалогмæ цæттæ у зæгъгæ. Ацы фидиуæны Владимир Путин сарызта уырыссаг медиимæ интервьюйы рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, МÆскуы цæттæ у Вашингтонимæ диалог сног кæнынмæ æмæ уый æххæссы астæуккаг æмæ чысыл дæрццæгыл архайæг ракетæты ликвидацийы фæдыл бадзырдмæ дæр.
«Цыфæнды цауы дæр, мах диалогмæ цæттæ стæм. Мах ацы бадзырдæй нæхи нæ цух кæнæм. Уый саразын хъавынц америкæгтæ. Мах дæр æмæ уыдон дæр диалогы сног кæныныл стæм ориентацигонд. Ноджы фылдæр нысаниуæгджын у уый цæмæй диалог уа æнæ æрмæст бæрзонддæр æмвæзадыл, фæлæ ма экспертты æмвæзадыл дæр. Ныфс мæ ис æххæстмасштабон диалог сног уыдзæн» – райхъусын кодта Путин.