Владимир Путин æмæ  Реджеб Тайип Эрдогъан,  бæстæты æхсæн æнæвизæ  режимы  фæрогдæр кæныныл  æруынаффæ кæндзысты
Владимир Путин æмæ Реджеб Тайип Эрдогъан, бæстæты æхсæн æнæвизæ режимы фæрогдæр кæныныл æруынаффæ кæндзысты

Уæрæсейы æмæ Турчы  президенттæ   Владимир Путин æмæ  Реджеб Тайип Эрдогъан,  бæстæты æхсæн æнæвизæ  режимы  фæрогдæр кæныныл  æруынаффæ кæндзысты.  Уый фæдыл  дыууæ бæстæйы   лидертæ   абон Мæскуыйы  плангонд фембæлды рæстæджы фæныхас кæндзысты.

Турчы  паддзахадон агентад «Анадолу»-имæ ныхасы рæстæджы  Эрдогъан  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,    Уæрæсейы æмæ турчы   æхсæн æнæвизæ  режим фæрогдæр  кæнын,  фембæлды боны  фæткы   иуæй-иу сæйраг темæ  уыдзæн.

Афтæдæр,  фембæлдыл  лидертæ  æркæсдзысты, Сирийы  фарста, Туркæн  уырыссаг  зентон   комплекс С-400-йы   бадæттыны  темæ,  газдадзæн  «Турчы  къадайы»  арæзтады, æмæ Æввахс Скæсæны  уæвæг  уавæр.