Владимимр Познер æмæ йæ уазджытæ Гуырдзыстонæй афæндараст сты
Владимимр Познер æмæ йæ уазджытæ Гуырдзыстонæй афæндараст сты

Владимимр Познер æмæ йæ уазджытæ Гуырдзыстонæй афæндараст сты

Уырыссаг журналист, Владимир Познер æмæ йæ уазджытæ Тбилисæй атахтысты. Æппæтдуеон аэропортæй хæдтæхæг атахт.

Аэропорты барадхъахахъæнджытæ уыдысты мобилизгонд. Бынатыл уыдысты активисттæ дæр, кæцытæ Познер æмæ йæ уазджыты бæстæмæ æрцыд протест кодтой.

Журналист Познер йæ гуырæн бон снысанæн æрцыд Гуырдзыстонмæ 31-æм марты. Познер «Риа-новостийæн» интервьюйы расидтис, фæстæмæ аздæхын уый æртыккæгæм апрелы план кодта.

Активисттæ æмæ опозицийы лидертæ нырма акци фысымуат «Винотелы» раз ауагътой, кæцыйы уазджытæ уыдысты. Фысымуат куысты инспекци комендантон сахаты хæлды фæдыл 10 000 ларийæ фæивар кодта.

Уазджытæ фысымуатæй барадхъахъхъæнджыты контролæй ныууагътой.

Опозицийы фарсылхæцджытæ бæстыхайыл рæвдыуæттæ æхстой.