Владимер Константиниди – организацион мадзæлтты ауадзыны фæстæ, гуырдзиаг наудзог Сослан Какабадзе фыдыбæстæмæ æрыздæхдзæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады консулон департаменты директоры хæдивæгы Владимер Константинидийы информацийæ, Ливийы ахæстонæй ссæрибаргонд гуырдзиаг наудзог Сослан Какабадзе, æмбæлон процедурæты фæстæ, Гуырдызстонмæ æрыздæхдзæн.
Константиниди Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы куыд загъта афтæмæй, ахст сты ноджы дыууæ наудзог, кæцыты хъуыддæгты каст плангонд у 20 маймæ.
Афтæдæр йæ информацийæ, Какабадзы æрдæм сæйраг аххосаг уыдис нефтæй æнæзакъононæй базарад, дæлахъазон зылыныгæнæн та территоритон дæттæм æнæзакъонон бахызт.
Ливийы ахст гуырдзиаг наудзогы Сослан Какабадзейы ссæрибар кодтой.Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, абон сахар Триполийы тæрхоны процессыл, тæрхонгæнæг Гуырдызстоны æмбæстагы ссæрибар кæнын стæрхон кодта. Уагдоны куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Египеты Гуырдзыстоны минæвар Александр Налбандов Ливийы уæвы.
Тогойы тырысайы бын ленкæнæг науыл, æфсапъйы бынатыл кусынмæ Какабадзе ныццыд 2015 азы августы. Куыст райдаынæй 12 бонмæ, экипажы кæцыйы Сослан Какабадзе уыд, Ливийы æрцахстой.