«Виза» æмæ  «Мастеркард» уырыссаг  базарæй  рацуыны фæдыл  райхъусын кодтой
«Виза» æмæ «Мастеркард» уырыссаг базарæй рацуыны фæдыл райхъусын кодтой

Уæрæсейы  Украинамæ  лæбурды тыххæй,  «Виза» æмæ  «Мастеркард»  Уæрæсейы сæрмагонд куыст уромынц. Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  «ВВС».

«Мастеркарды» фидиуæны  дзырдæуы,   цæмæй   уырыссаг  банктæ  нæ  пайда кæндзысты  сæ  хызагæй  æмæ  компанийы  картæтæ, Уæрæсæй  фæсарæнты,  æмæ Уæрæсейы  мидæгæй  дуканиты  æмæ  банкоматты   нал  кусдзысты.

Компанийы фидиуæнæй,   уынаффæ  уыдис ист «цæугæ конфликты  прецедент цæмæй  нæй  ахæм равгы æмæ  æбæрæг  экономикон уавæры тыххæй».

Уæрæсейы сæрмгаонд куыст фæурæды уынаффæ  рахаста  «Виза» дæр. Финансон  компанийы  хъусын кæнынц, цæмæй   æввахс  бонты Уæрæсейы  лæвæрд «Виза»-ы  картæтæ  нал кусдзысты бæстæйыæддæйæ æмæ   Уæрæсейы  арæнты æддæйæ   финансон   институтты лæвæрд  кæцыфæнды» визæ» картæ нал кусдзæн Уæрæсейы  Федерацийы.

Компанийы   директоры  фидиуæнæй,  уынаффæ, Украинамæ Уæрæсейы  лæбурды  æмæ   нæрайсгæ  архæйдтыты  тыххæй рахастой.