Виола фон Крамон -  Дуне Украинайы, Молдовæйы  кой кæны, æмæ  зæгъæн ис ничи ницы дзуры Гуырдзыстоны тыххæй, кæцыйы территориты  20% сты Уæрæсейы оккупацийы  бын
Виола фон Крамон - Дуне Украинайы, Молдовæйы кой кæны, æмæ зæгъæн ис ничи ницы дзуры Гуырдзыстоны тыххæй, кæцыйы территориты 20% сты Уæрæсейы оккупацийы бын

Дуне Украинайы, Молдовæйы  кой кæны, æмæ  зæгъæн ис, ничи ницы дзуры Гуырдзыстоны тыххæй, кæцыйы территориты  20% сты Уæрæсейы оккупацийы  бын, уый тыххæй  дзæбæх  у ам кæй  стæм æмæ  ныхас  кæнæм уæвæг уавæрыл, – уый фæдыл  журнлаисттимæ  ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта  европарламентари, Виола фон Крамон, кæцы хайад сиы  Тбилисы æхсæнадæмон  конференцийы  – «Слава Україні!».

Журналистты  цымидис кодтой, цы хъуыды кæны  деолигархизацийы æмæ   хъуыды кæны æви нæ,  цæмæй  уый у  12  сыххæст кæнинаг  рекомендациты сæйраг фарста.

«Фыццаджы дæр мæ фæнды зæгъын, цæмæй   Гуырдзыстонæн ис, зæгъæм афтæ – геогграфион проблемæтæ  æмæ  нæу Европаг континенты хай, фæлæ  нæкæсгæ  уымæ,  ивгъуыды Гуырдзыстон кæддæриддæр  архайдт ацы  географион  дистанци, уымæн æмæ уыдис реформæтæ,  прогрессивон политикон  курс, адæм тырныдта  Ныгуылæнмæ,  закъон æххæст цыдис  Евроцæдисы æмæ  ныгуылæны стандарттæм æмбæлгæйæ,   махимæ иумæ  тох кодтой   Афгъанистаны æмæ а.д.  Уыдис дырыс  позици, цæмæй кæм лæууы Гуырдзыстон; уый тыххæй  дызæрдыг ничи кодта, цæмæй Гуырдзыстон у Европæйы  хай. Ныр  фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындты тыххæй, кæцытæ  федтам фæстаг къуыриты æмæ  мæйты  дæргъы, уый дырыс нал у. Мид фæзындтæ нæ тынг  мæты æфтауынц, уый нымæцы  медийы  сæрибардзинад, æндæр æмæ æндæр   активистты æмæ медийы  минæвæртты  æрцахстытæ,  уæ раздæры президенты, Миша Саакашвилийы  æмæ æндæрты.  Æмæ ма  уый æппæтæй уæлдай,  уавæр куыд загътат, афтæмæй,  иу адæймаджы æндæвдад, кæцы у тынг бонджын æмæ кæцы фактонæй  хицау кæны бæстæйы æмæ политик та нæу.  Афтæмæй,  уый  нæу  пайдаджын демократийæн, кæд уын ис бизнес-персонæтæ, кæцытæ  афтæ бонджын сты, куыд  Бидзина Иванишвили  æмæ хъомыс дарынц   æнæхъæнæй  структурæмæ. Паддзахад  хибакæнын, афтæ  хонæм мах ацы  фæзынд.  Молдовæйы дæр уый  хуызæн проблемæтæ уынæм,  фæнды нæ ацы бæстæйы  деолигархизаци скæнын  æмæ   уый саразын хъæуы Украинайы дæр, уымæ дæр ис ахæм проблемæтæ, фæлæ  даууаг нæу, цæмæй ацы  проблемæ  ис ам.  Уый тыххæй ис  ууыл дзырд,  у  1й2 домæнæй  сæ иу. Алы 12 æркуырд дæр сты  ахсджиаг фæлæ ацы фарста алыг кæнын хъæуы æнæмæнгæй», –   банысан кодта Виола фон Крамон.