Виктор Медведчук Путин æмæ Зеленскимæ сиды, цæмæй йæ баивой Мауриуполы хъахъхъæнджытыл æмæ цæрджытыл
Виктор Медведчук Владимир Путин æмæ Володимир Зеленскийæ куры, цæмæй йæ баивой Мариуполы хъахъхъæнджытыл æмæ цæрджытыл.
Фæнысангонды фæдыл Медведчук райхъусын кодта видео-сидты, кæцы Украинайы спецкуыстытæ ахæлиу кодтой.
«Æз Медведчук Виктор Владимиры фырт, сидын куырдиатæй Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинмæ æмæ Украинайы президентмæ Володимир Зеленскимæ, цæмæй мæ украинаг фарс баивæт Мариуполы хъахъхъæнджытыл æмæ цæрджытыл, кæцытæ абоны уавæрæй сты уым æмæ сын нæй æдæрсгæйæ рацыды фадат гуманитарон кæлидоры фæрцы», – райхъусын кодта Медведчук видео-сидты.
Виктор Медведчукы Украинайы генералон прокуратурæ паддзахадыл гадзрахатдзинады æмæ террористон организацитæн æххуысы аххосджын кæны.