Венгриаг «Эксим Банк» Гуырдзыстонæн 155 милуан евройы бæрц инвестицион хахх бакæндзæн
Венгриаг «Эксим Банк» Гуырдзыстонæн 155 милуан евройы бæрц инвестицион хахх бакæндзæн. Ацы темæйыл абон Гуырдзыстонмæ визитæй уæвæг Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты министр Питер Сийярто фæныхас кодта.
Питер Сийярто бамбарын кодта, ома кредитон хаххæй фæлхас кæнын сæ бон уыдзæн уыцы венгриаг бизнесментæн, кæйдæриддæр Гуырдзыстоны инвестицитæ сæххæст кæнын æрфæнддзæн. Суммæйæ пайда кæнын афтæдæр сæ бон уыдзæн гуырдзиаг-венгриаг иуæймаг проекттæн.
Министр ныфс разагъта, цæмæй фæнысангонд суммæ инвестициты хуызæй æввахс фидæны æххæстæй бахардз уыдзæн.