Венецийы порт «Иу фæндаг иу тыгъдад» инициативайы активон хайад райсын палн кæны – уый фæдыл Венецийы порты президент, Пино Мусолино Тбилисы цæугæ форумыл расидтис. Порты къухдарариуджыты делегаци, Гуырдзыстоны фембæлдтæ сараздзæн бæстæйы хицауад æмæ сæрмагонд секторы бæрнонтимæ. «Венеци у зæлдаг фæндагы хурныыгуылæн регионы нысаны пункт. Мах уыдыстæм фыццаг, зæлдаг фæндагы порт æмæ нæ фæнды, активон хайадисджытæ уæм 21-æм æнусы иу тыгъдады инициативайы. Снысангонд проекты баст стæм 2013-æм азæй» -расидтис Мусолино. Йæ информацимæ гæсгæ, цæугæ форумы фæлгæтты бадзырдты сарæзт план кæны Батумы порты бæрнонтимæ дæр. Пино Мусолино фæныхас кодта Гуырдзыстоны ролыл æмæ фадаттыл зæлдаг фæндагы фæлгæтты. «Гуырдзыстонæн ис тынг хорз локаци, уый ис дыууæ цивилизацийы астæу. Сау Денджызы æххуысæй, Зæххастæуы денджызмæ бацыд ис гæнæн цыбыр рæстæджы, махæн та нæ бон у Венецийы порты æххуысæй Цæгат Европамæ бацæуын. Растдæр уымæн хъуыды кæнæм, цæмæй Гуырдзыстонæн ацы хъуыдтагы йæ бон у нысаниуæгджын роль ахъазын» -расидтис Венецийы порты президент.