Венæйы, «Альбертинайы музейы» байгом ис Нико Пиросманашвилийы равдыст [фото]
Венæйы «Альбертинайы музейы» байгом ис Нико Пиросманашвилийы равдыст NIKO PIROSMANI – A Wanderer Between Worlds.
Экспозицийыл бавдыст сты нывгæнæджы 29 куыст, Гуырдзыстоны националон музейы Шалва ЯАмиранашвилийы номыл аивады музейы коллекцийæ. Афтæдæр 1972 азы Паризы Илиа Зданевичы къухæй конд чиныг номхуындæй «Пиросманашвили 1914». Чиныгмæ хаст у Пабло Пикасойы гравюрæ – «Пиросманийы Портрет».
Проекты фæлгæтты афтæдæр фыццаг хатт равдыст æрцыд номдзыд япойнаг архитекторы, Тадао Андойы специалонæй фæлдыст фынг номхуындæй Table Of Pirosmani, кæцы нывгæнæджы ном ссарынæн у арæзт.
Равдысты сæйраг нысан у, НИко Пиросманашвилийы сфæлдыстады æмæ гуырдзиаг культурон бындарады уæрæх дзыллæйæн базонын кæнын.
Проект æххæст цæуы Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæйы æмæ спорты министрады æххуысæй, проекты партнер у Julius Baer, TS Foundation, Lady Angela Nevill.