Ведант Пател хъусын кæны, цæмæй «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты мидис, «сфæлгондзын гæнæн цæмæн нæй афтæ мæтæфтауæг у» æмæ ахæм закъондæттынад Евроцæдисы нысæнттимæ æнæмбæлон у
Ацы закъонопроекты мидис сфæлгондзын гæнæн цæмæн нæй афтæ мæтæфтауæг у, хъуыды кæнæм, цæмæй ахæм закъондæттынад æнæмбæлон у Евроцæдисы нысæнттæм – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департамнты пресс-спикеры хæдивæг, Ведант Пател, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты тыххæй пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
АИШ-ы паддзахадон департаменты прессс-спикеры хæдивæгы, прессконференцийыл журналист, Руса Шелиа бафарста: «Абон Европарламент схъæлæс кодта Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл бадзырд райдаыны фæурæдæн, цалынмæ закъонопроект ис æмæ афтæма æрцсидтис Евроцæдисмæ æмæ алы ныгылæнаг партнермæ, æркæсой санкциты сфидар кæнын. Уæви нæ ацы информаци серьозон уынаффæйы темæ Конгрессы, куыд реакци хъуамæ скæнат Гуырдзыстоны хицауады ахæйдтытыл. Уæ бон у сбæлвырд кæнат уый, кæнæ нын зæгъат, æцæгдæр серьозон дискуситæ уын ис Конгрессы ацы фарстайыл?».
«Нæ хъавын комментари саразын исты консультацитыл Конгрессы, фæлæ уын зæгъдзынæн, цæмæй ацы закъонопроектыл нырид цалдæр къуыри у цы ныхас кæнæм. «Ноджы иу хатт зæгъдзынæн – ацы закъонопроекты мидис, сфæлгондзын гæнæн цæмæн нæй афтæ мæтæфтауæг у. Уынæм ахæм закъонопроект Кремлы æмæ дунейы æндæр бæстæты, кæцы бæстæты хъомыс дарынц медиаорганизацитæм, æмбæстагон дзыллæйы организацитæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм закъондæттынад Еврцæдисы нысæнттæм æнæмбæлон у, кæцы у уый, цæмæй Гуырдзыстон йæхæдæг райхъусын кодта, ахæм фидæнæй интересджын кæй у уый» -райхъусын кодта Ведант Пател.