Ведант Пател – æз нæ хъавын развæлгъау тæрхон кæнын кæнæ спекуляци кæнын исты архайдтытыл, мах ныртæккæ нæ хъус дарæм нæ ахастытæм Гуырдзыстоны хицауадимæ æмæ бахахх кæнæм сæ уæззау бæрндзинад
Мах фауæм пъæлицæйы æрдыгæй демонстрантты ныхмæ æгæр тыхæй пайда кæнын æмæ тыхстгонд стæм журналистты ахстыты æмæ сæм лæбурдтыты тыххæй хъусынгæнинæгтæй, – райхъусын кодта Паддзахадон департаменты пресс-спикеры хæдивæг Ведант Пател.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, АИШ Гуырдзыстоны хицауадмæ сиды, карзæй хъахъхъæна барады уæлдæрдзинад, адæймагы бартæ æмæ фундаменталон сæрибардзинæдтæ.
«Мах тæрхон кæнæм Гуырдзыстоны полицийы æрдыгæй æгæр тыхæй спайда кæнын демонстрантты ныхмæ, кæцытæ хъавынц спайда кæнын сæ бартæй сабырадон æмбырды æмæ хъуыдыйы сæрибардзинадæн, уый нымæцы сабырадон протесты гæнæндзинадæн дæр. АИШ тынг тыхсы журналистты ахстыты æмæ æхстыты тыххæй хъусынгæнинæгтæй, уымæн æмæ мах уырны, сæрибар мыхуыр кæй у демокративон системæйы бындурон дур. Ноджы иу хатт сидæм алы партимæ сифтонг кæной протестон акциты сабырадон характер æмæ сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, карзæй хъахъхъæна барады уæлдæрдзинад, адæймагы бартæ æмæ фундаменталон сæрибардзинæдтæ.
Æз нæ хъавын развæлгъау тæрхон кæнын кæнæ спекуляци кæнын ахæм архайдтытыл, кæцытæ АИШ гæнæн ис æмæ нæ райса. Цы мæ бон у зæгъын уый у, æмæ мах ныртæккæ здæхæм Гуырдзыстоны хицауадимæ ахастытæм æмæ сын бахахх кæнæм уыцы уæззау бæрндзинад, кæцы хæссынц закъоны уæлдæрдзинад, адæймаджы бартæ æмæ бындурон сæрибардзинæдтæн кад кæныны æрдгæй, кæцытæ, махмæ гæсгæ, баззайынц Гуырдзыстоны евроатлантикон бæллицты бындур», – загъта Пател.