Оккупацион режимы æрцахстуæвæг дохтыры, Важа Гаприндашвилийы бинонтæ Гуырдзыстоны архайæг алы дипломативон миссимæ сидынц.
Куырдиаты, кæцы дохтыры бинонтæ ахæлиу кодтой, дипломативон мисситæн бузныг сидынц Гаприндашвилийы æрцахстæй абоны онг сæ æххуысы тыххæй, кæцы проблемæйы аскуыддзаг кæнынæн уыд æххæст.
Гаприндашвилийы бинонтæ фыстæджы афтæдæр фыссынц Цхинвалы а.х. тæрхондоны скуыддзагыл, кæцымæ гæсгæ дæр, Гаприндашвилийæн а.х. арæныл æнæзакъононæй ахизыны тыххæй иу афæдз æмæ фараст мæййæ ахст стæрхон кодтой.
«Æнæкæсгæ, æнæ иу архайдмæ, 20 декабры, Важа Гаприндашвилийы ныхмæ рахастой дисы æфтауæг æмæ йæ бинонтæн куынæггæнæг тæрхоныскъуыд – афæдз æмæ фараст мæйы дохтыр ахæстоны хъуамæ арвита!
Уый тыххæй дæр ацы тæрхоныскъуыд мæстиаг у æнæ æрмæст бинонтæн, фæлæ ма æнæхъæнæй гуырдзиаг адæмæн, паддзахадæн, æнхъæлмæкæсæг пациенттæн, алы æмбæстагæн Дунейы, кæмæндæриддæр адæймаджы бартæ сты сегасæй ахсджиагдæр!
Зонæм, цæмæй ацы маст нæ æмхуызонæй фæлмæцын кæны алкæй æмæ ма хъуамæ уæнгмард ма хъуамæ фæуæм. Ныр у архайды афон! Фæнды нæ, раарфæ уын кæнæм Цыппурс æмæ Ног аз! Æнæниздзинад æмæ амондджындзинад уын ракувдзыстæм сæрибар æрдзы! Ракувæм уын, цæмæй хъуаг дæр у Важа Дохтыр – æнæзакъонон ахæст, кæцы, гæнæн ис, ацы бæрæгбонтыл, бинонты хицæнæй, уазал ахæстоны фембæла!
Ныфс нæ ис, цæмæй æнæкæсгæ бæрæгбонон периодмæ, уæ тыхархайд раздæронау егъау æмæ фæстиуæг æрхæссæг уыдзæн!» – дзырдæуы Важа Гаприндашвилийы бинонты сидты.
20 декабры, Цхинвалы оккпуацион режим, Важа Гаприндашвилийæн иу афæдз æмæ фараст мæййæ ахст стæрхон кодта.