Одзисы цур, дохтыр Важа Гаприндашвилийы фарсхæцæг акци цæуы.
Акцийы хайадисджытæ, æндæр æмæ æндæр баннертимæ æрымбырд сты, кæцыты фæрцы протест кæнынц оккупаци æмæ Важа Гаприндашвилийы ссæрибар кæнынц курынц.
Оккупацион хаххы цур акцийы хайадисджытæ символонæй уæлдæфон тымбылæгы фæрцы ауагъдтой урс халат.
Бинонты номæй куырдиат сарызта дохтыр Важа Гаприндашвилийы ус, Тамила Лапанашвили. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ дохтыртæн арæнтæ нæ вæййы нæдæр сабыр рæстæджы æмæ нæдæр хæстон уавæрты.
Тамила Лапанашвилийæн йæ къухты уыд баннер, кæцыйыл ирон дохтыртæм сидт уыдис ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл.
«Ирон дохтыртæ, иумæ æркæсæм нæ рынчынтæм æмæ уый фадат раттут Важайæн дæр» – райхъусын кодта Тамила Лапанашвили.
Акцийыл сты политиктæ дæр. Сæ нымæцы парламентон фылдæрты æмæ оппозицийы уæнгтæ, афтæдæр раздæры президент Гиорги Маргвелашвили.