Важа Гаприндашвили - Алы конфессийы минæвæрттæ иу проблемæйы раз ссиу сты, кæцыйы фæстиуæгæн æз дæн Тбилисы
Алы конфессийы минæвæрттæ иу проблемæйы алыварс ссиу сты, кæцыйы фæстиуæгæн, абон Тбилисы дæн- уый фæдыл дохтыр Важа Гаприндашвили, Тбилисы визитæй уæвæг Ватиканы паддзахадон нымæрдар, кардинал Пиетро Парроллиниимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Абон падре Джузеппе нæ фæхуыдта ардæм кардиналимæ фембæлдмæ. Æцæгдæр мæм цы информаци нæ уыд, уый мын абон ам базонын кодтой. Мæнмæ гæсгæ, ай уыдис иунæг цау, алы конфессийы минæвæрттæ куы баиу стæм иу проблемæйыл уынаффæгæнæгæйæ. Уый нæу ме нтыст, уый мах алкæй иумæйаг æнтыст у. Баиу стæм алчи иу проблемæйы тыххæй æмæ ацы иудзинады фæстиуæгæн дæн æз ам, Тбилисы»- банысан кодта Важа Гаприндашвили.
Кардинал Пиетро Парроллини фæуазæг ис хæрзаудæн фонд Гуырдзысто Каритасы Дидубейы центрмæ, цы ран католикон аргъуаны æндæр æмæ æндæр уагдæтты минæвæрттимæ фембæлд.
Дыууæ боны размæ Националон Библиотекæйы Важа Гаприндашвилийæ фарсхæцæн фембæлд ацыд. Фембæлдмæ æрбацыдысты, æндæр æмæ æндæр религион конфесситы минæвæрттæ, фыссджытæ, плоэттæ æмæ æхсæнадон архайджытæ.