Важа Гаприндашвилийы бинонтæ специалон куырдиат аразынц. Сæ информацийæ, æнæзакъононæй æрцахстуæвæг дохтыры ссæрибар кæнынæн, æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ цæудзысты æмæ уыцы æрдæм кусдзæн специалон корд. Уый йеддæмæ, адарддæр уыдзæн барадон тох æхсæнадæмон механизмты руаджы. Бинонты адвокаты куырдиатæй, зæгъгæ спайда кæндзысты де-факто режимы а.х. тæрхонон механизмтæ дæр.
«Бинонты инициативæйæ, æхсæнадамимæ активон коммуникацийы нысанæй, сырæзт кусæг корд, кæцыйæн координаци кæндзæн националон библиотекæйы директор, фыссæг æмæ нæ бинонты хæлар Гиорги Кекелидзе. Къорды æхсæн дзыллæимæ ахастыты специалисттæ æмæ æхсæнады активон уæнгтæ уыдзысты иугонд. Ныр хъæуы, лозунгтæй æмæ популизмæй уæгъд, хъавгæ æмæ дырыс куыст, бæрæг у паддзахадон интерестæ хъахъхъæнгæйæ. Иуырдгæй уыдзæн иудадзын æмæ координацигонд бастдзинад дзыллæимæ, паддзахадон институттимæ кæнæ дипломативон корпусимæ æмæ æхсæнадæмон организацитимæ, бизнес кордтимæ конкретон къахдзæфтæ саразынæн; æмæ иннæрдгæй та, цæудзысты символон акцитæ, кæцытæ æрвылбойнонæй бакой кæндзысты ацы фарстайы нысаниуæг æмæ актуалондзинад.
Абон, авд сахатыл, чиныджы ногазон фестивалыл националон библиотекæйы, Важа Гаприндашвилийæн фарс рахæцынæн æмбырд кæнынц фыссджытæ, Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан, афтæдæр адæмон барты хъахъъхæнæгимæ архайæг религиты æмæ националон къаддæрдæрты советтæ, афтæдæр æндæр æмæ æндæр религион иугæндты минæвæрттæ æмæ этникон къаддæрдæртæ. Уый уæлдай, ахицæн кодтам, саразæм акци-перфоманс, «Нæ цырддзастдзинадæн». 29 декабры Гуырдзыстон æмæ Дунейы, кæцырæтты гуырдзиаг æмæ гуырдзыстойнаг эмигранттæ цæрынц, Сæрибары Сигнал айзæлдзæн. 19:00 сахатыл алы горæт æмæ хъæуы, чидæриддæр Важа Гаприндашвилийы ахсты тыххæй тыхсут, хуымæтæгæй уæ хæдтулгæйæ сигналыл ныххæцут»,- райхъусын кодта Важа Гаприндашвилийы чызг, Тата Гаприндашвили абоны пресс-конференцийыл.