Васил Магълаперидзе – финансон –бюджетон комитет байхъуыста уацхæссæгы 2021-æм азы бюджеты хаццæг, комитет позитивон аргъ ратта каналы куыстæн

Гуырдызстоны æхсæнадæмон уацхæссæгы æвдиджон советы сæрдар Васил Магълаперидзе парламенты финансон –бюджетон комитетæн уацхæссæгы 2021-æм азы хаццæг бавдыста.

Магълаперидзейы фидиуæнмæ гæсгæ, 2021-æм азы уацхæссæгы телефизион эфиры 70%-ы оригиналон гуырдзийаг продукци уыд. Уый деталонæй фæныхас кодта уацхæссæгы ралæвæрдтыл, се æхсæн телескъолайы, кæцы пандемийы рæстæджы сырæзт. Магълаперидзе комитеты уæнгты базонгæ кодта ОБСЕ-йы аргълæвæрдимæ, кæцымæ гæсгæ уацхæссæг обективонæй рухс кæны цаутæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уацхæссæг план кæны парламентмæ басида законпроектæй, кæцы гуырдзийаг фильмты финансирдзинадмæ хауы.

Хаццæгы бавдысты рæстæджы Васил Магълаперидзе акцент сарæзта архивы нысаниуæгдзинадыл æмæ уавæрыл, афтæ дæр техникон ифтонгадыл æмæ банысан кодта, цæмæй 2023 æм азы уалдзæгæй  уацхæссæг ног бæстыхаймæ ахызт райдайдзæн.