Васил Магълаперидзе – Бидзина Иванишвили куы нæ уыдаит, уæд нæ пълан гæххæттыл баззадаит, фыццаг къаналы ног бæстыхай комкоммæ йæ разыдзинадæй арæзт æрцыд æмæ уый тыххæй йын бузныг зæгъæм
Бидзина Иванишвили куынæ уыдаит, уæд нæ пълан гæххæттыл баззадаид, Фыццаг Къаналы ног бæстыхай арæзт æрцыд комкоммæ йæ разыдзинадæй æмæ уый тыххæй йын бузныг зæгъæм, – уый фæдыл Æхсæнадон Уацхæссæджы æвджиддар советы сæрдар, Васил Магълаперидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы ног бæстыхайы баконды рæстæджы Политковскаяйы уынгыл расидтис.
Васил Магълаперидзейы ныхасмæ гæсгæ, уый афтæдæр бузныг зæгъы алы зæрдæриссæгæн, кæцытæ сæ хайбавæрд бахастой ацы процессмæ.
«Æгас нæм цæут, кадджын уазджытæ. Нæ бæстæйы æппæт радио æмæ телеуынынады станцæтæн бындур æрæвæрдта фыццаг канал. Дæсгай азты дæргъы ацы канал гуырдзиаг культурæйы сæйраг промоутертæй иу у. Фæнды мæ абон раарфæ кæнон Фыццаг Къаналы алы фæлтæры кусджытæн æмæ сын зæгъон, цæмæй Фыццаг Къанал сæрыстыр у йæ раздæры кусджытæй æмæ сæ бынтæй. Ам æрбахъæбыс кодтой зæронд æмæ сарæзтой ног шедевртæ! Фыццаг канал уыд гуырдзиаг зарæджы, адæмон сфæлдыстады, гуырдзиаг кинойы, театры, спорты, литературæйы, культурæйы, наукæйы, ома алцыппæт, кæцы гуырдзиаг фæзынд аразы, фыццаг аивадуарзаг уыд. Æхсæнадон Уацхæссæджы сызгъæрин фонд у национ мысынады æнæфæхицæнгæнгæ хай, фæлæ уыцы-иу рæстæг ацы фонд хъæуы æппынæдзух ног кæнын æмæ йæ баххæст кæнын. Культурæйыл куы дзурæм, уæлдайдæр нæхи хуызæн чысыл бæстæйы, æрмæст коммерцион интерестыл æнцой кæнæн нæй, æмæ уый тыххæй ис æхсæнадон уацхæссæг. Фæстаг азты каналæн зын уыд кризис æмæ карздæр кодта. Æхсæнады иу хайы йæм фæзынд нигилизм, кæцы цасдæрбæрцæй æвдыст æрцыд кусджыты зæрдæйы уагыл дæр. Зæронд бæстыхай, кæцы бæрæгæй бафыста йæ хæс, уыд æдзæллаг уавæры, техникон базæ, камерæтæ, рухс, кусæнгæрзтæ æмæ студиты разамынд моралон æмæ физикон æгъдауæй уыдысты тынг зæронд. Канал райдыдта фæстæдæр лæууын. Хъуыдис бындурон æмæ æххæст цалцæг. Арæзт æрцыд ног бæстыхай саразыны æмæ йæ сцалцæг кæныны пълан, фæлæ йæ æххæстгæнæг нæ разынд, уымæн æмæ профилон оргæнтæ уыцы пълан банымадтой æнæреалоныл. Рацæуæн нæ уыд, æмæ зæгъæн ис æмæ æппæт ныфс куы фæцис, уæд уый æргомæй фыццаг хатт дзурын æмæ уый тыххæй бирæ адæймаг зоны, цыппар режиссеры – Тинатин Бердзенишвили, Гиорги Гвимрадзе, Чичинадзе Нодар æмæ æз –хицаугæнæг парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвилимæ баздæхтыстæм,. Уый нæм байхъуыста, пъланимæ базонгæ, бафæдзæхста нын цыдæр срастгæнæнтæ бахæссын, æмæ тагъд рæстæджы проект æххæст тагъдадæй райдыдта.
Мæ хæлæрттæ мын æвдисæн уыдзысты – Иванишвили Бидзина куы нæ уыдаит, уæд нæ пълан гæххæттыл баззадаит, ацы бæстыхай комкоммæ йæ фарсылхæцындзинадæй арæзт æрцыд æмæ йын уый тыххæй бузныг зæгъын. Бузныг зæгъын æппæт аивадуарзæгтæн, кæцытæ нын баххуыс кодтой ацы процессы! Цæлхдуртæй цух нæ уыдыстæм, чи ныфс дардта, ацы хъуыддаджы нæ къухы кæй нæ бафтдзæн, ууыл æмæ йыл цин кодтой. Зæрдиаг бузныг сын зæгъын дæр, уымæн æмæ, йæ ныхмæ, тых нын лæвæрдтой. Фæнды мæ бузныг зæгъон Тинатин Бердзенишвилийæн, кæцы йæ раздæры Тинатины хуызæн, ноджы иу хатт сбæлвырд кодта, цæмæй домбайы лæппын раст у æмæ йæ крутой командæимæ иумæ, стыр уаргъ систа æмæ йæ кæронмæ бахæццæ кодта», -расидтис Васил Магълаперидзе .
Уымæй дарддæр ма, Васил Магълаперидзе банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы ног бæстыхай, кæцыйы проект сарæзтой гуырдзиаг архитектортæ, фидæн дæсгай азты уыдзæн гуырдзиаг культурæйы нысаниуæгджын центр.
Васил Магълаперидзейы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы ног бæстыхай нырыккондзинады домæнтæн дзуапп дæтты.
«Ацы рæсугъд бæстыхай, кæцыйы проект сарæзтой гуырдзиаг архитектортæ æмæ сарæзтой гуырдзиаг аразджытæ, уыдоны руаджы дæсгай азты дæргъы уыдзæн гуырдзиаг культурæйы нысаниуæгджын центр.
Абон æрмæст бæстыхай байгом кæныныл нæ цин кæнæм, фæлæ абон бæстыхай чи байгом кодта, уыцы фæсивæдæн райсом дæр æмæ иннæ бон дæр фадат кæй уыдзæн спектакльтæ æвæрынæн, кинонывтæ исынæн, концерттæ аразынæн, æппынæдзух зарынæн, гуырдзиаг курдиатæн фадат раттын гуырдзиаг куыст бакæнынæн.
Къоставайы уынджы цы бæстыхай ис, уый дзуапп лæвæрдта йæ дуджы домæнтæн æмæ иузæрдионæй лæггад кодта фыдыбæстæйæн, ацы ног бæстыхай дзуапп дæтты нырыккондзинады домæнтæн, нæ зæрдæ йын зæгъы аккаг фæдон æмæ йæ номдзыд раздæры куысты адарддæр. Æппынфæстаг, уæ фылдæр абон фыццаг хатт æрцæуынц ацы бæстыхаймæ, уымæ гæсгæ рахицæн кæндзынæн иу уазæджы, кæцы, куыд аивадуарзаг, афтæ цалдæр хатты уыд ам, цæмæй фена, нырма арæзт чи цæуы, уыцы бæстыхай. Уæд премьер-министр нæ уыд. Курæг дæн господин Ираклий Къобахидзейæ, цæмæй нын дыууæ ныхас зæгъа», – расидтис Васил Магълаперидзе.