Вашлованийы националон тобæгонд территорийыл та зынгсирвæзты локализацион мадзæлттæ цæуынц
Вашлованийы националон тобæгонд территорийы та зынгсирвæзт фæзынд. Бынатыл мобилизацигонд сты уæлвæтк уавæрты фæткдар зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæ Кахеты регионы алы хайадтæй. Зынгы локализацийы хайад исы тобæгонд территориты агентады 100-ы онг рейнджер. Арызт у Вашлованийы тобæгонд территорийыл зынгсирвæзты ликвидацийæн координацион штаб.
Райсомæй зынгсирвæзт хуыссын кæныны процесс сног ис. Бынатыл мобилизацигонд къордтæ, зынгсирвæзты артдзæсты онг хæдтулгæтæй, специалон хæтæлвæды цыппар километры дæрццæг дон бауадзын бахъом сты, кæцы сын сæ къух сарызта зынгхуыссынкæныны процессы.
Уæвæг информацийæ, сыгъд у 150 гектары онг фæзуат, уый нымæцы эндемикон мыггæгты зайæгойтæ.
Сыгъд ивгъуыд къуырийы, арвырттывдæй фæзындис, йæ хуыссынкæныны та удæгас тыхимæ иумæ баст уыдис авиаци, фæлæ ацы афонмæ сыгъды æххæстæй ликвидаци не нтысы.