Вашингтоны «Хæстæрмæджы контролы ассоциацийы»  директор - Мæскуы æмæ АИШ-ы æхсæн  атомон быцæуæмбæлд куы æрцæуа,  уæд нæй гаранти, цæмæй  уый нæ айрæздзæни  глобалон атомон хæстмæ
Вашингтоны «Хæстæрмæджы контролы ассоциацийы» директор - Мæскуы æмæ АИШ-ы æхсæн атомон быцæуæмбæлд куы æрцæуа, уæд нæй гаранти, цæмæй уый нæ айрæздзæни глобалон атомон хæстмæ

Мæскуы æмæ АИШ-ы æхсæн  атомон   быцæуæмбæлд куы æрцæуа,  уæд нæй гаранти, цæмæй  уый нæ айрæздзæни  глобалон атомон хæстмæ – уый фæдыл  Вашингтоны уæвæг  «Хæстæрмæджы контролы  ассоциацийы» (Arms Control Association)  директор  Дерил Кимпбел  «Гуырдзыстоны Радиоимæ» интервьюйы загъта.

Афтæма йæ  дзырдæй,   атомон  стынды цауы, радиацийы  æмвæзад сбæрæг кæнын  тынг зын у.

«Атомон  стындæн  йæ  бон у  хъауджы бæрцæй  рыг æмæ  фæздæг  рауадзын,  кæм стындæуа  зæххæй  уымæ гæсгæ.   Уый тыххæй  дæр радиацийы æмвæзад сбæрæг кæнын  тынг зын у.  Хъуамæ æмбарæм, цæмæй атомон стынды фæстæ вæййы  ахæм тыхджын эффект, кæцы  бирæ  тыхджындæр у  уады  эффектæй, афтæма  йын ис  егъау  хъармы  эффект, кæцы  расайы зынсирвæзт.  Стынд  сурзæххмæ  хæстæг куы æрцæуа, уæд гæнæн ис    фæзына сыгъды  уад, кæцы  куынæг кæны алцыппæт – бæстыхæйттæ, хъæд… уый æппæты фæстæ та, уыдзæн радиацийы  эффект,к æцы стынды  бынатæй  тынг дард ахæлиу вæййы.  Æндæр ныхæстæй  куы зæгъæм уæд,  алцыппæт  баст уыдзæн  дымгæйы  æрдæмадыл. Дырыс  фæстиуджытæ  сбæрæг  кæныны тынг зын у» –   райхъусын кодта Кимпбел.

«Хæстæрмæджы контролы  ассоциацийы»  директоры  хъуыдымæ гæсгæ,   Путинæн  атомон  хæцæнгарзæй спайда кæнын  æнæхъуыды у.

«Мæ  бахыгъдмæ гæсгæйæ,  фæнды чысыл бæрцæйы ахæм хæстæрмæгæй  спайдайы фæстиуæгæн путины æрыййафдзæн уый æппæт,  цæмæй  йæхи бахизын  дæр  æй  фæндыд.  Адон сты –  æхсæнадæмон изоляци, мидæнæразыдзинад, Китай æмæ Инди, кæцыты  уый æмцæдисонтыл нымайы, сæхи атигъ кæндзысты уымæй  æмæ  мах æнæмæнгæй фендзыстæм  цавæрдæр формæйæ НАТО-ы кæнæ АИШ-ы  баиу хæстмæ, кæцыйæ хиаиуварс кæнын уыд  Путины  атомон   æртхъирæнты  нысан» –   райхъусын кодта  Кимпбел.