Вашингтоны  Гиорги Квирикашвилийы æмæ АИШ-ы  паддзахадон  нымæрдары  фембæлд фæцис
Вашингтоны Гиорги Квирикашвилийы æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдары фембæлд фæцис

 

Гуырдзыстоны  премьер-министры кусæн визит  Вашингтоны   АИШ-ы  паддзахадон  департаментæй  райдыдта.

Гиорги Квирикашвили   АИШ-ы паддзахадон нымæрдар  Майк Помпеоимæ   фембæлд.  Ныхасы сæйраг темæтæ  уыдысты, АИШ-Гуырдзыстоны   стратегион партнерады  боны фæткæй зæрдылдард  фарстытæ  æмæ   дыууæфарсон  цæдисты  рапарахаты  позитивон динамика, афтæдæр –  Гуырдзыстоны  евроатлантикон  интеграцийы процесс  æмæ  бæстæйы территорион   æнæхъæндзинадимæ  баст сидтытæ.

Фембæлды  райдианы премьер   АИШ-ы  паддзахадон   нымæрдарæн раарфæ кодта постыл снысан  æмæ  йын æнтыстджын куыст ракуывдта.

Хицауады   сæргълæууæг  АИШ-ы   паддзахадон департаменты  уазджыты  чиныджы  ныууагъдта  ныффыст.  Фембæлды   фæуды фæстæ Гиорги Квирикашвили  æмæ  Майк  Помпео медийæн  сарызтой  фидиуæнтæ.