Варшавайы ацыд гуырдзиаг сæны масштабон дегустаци
Варшавайы ацыд гуырдзиаг сæны масштабон дегустаци

Польшæйы сæйраг горæт Варшавæйы   сæны  националон  агентады контрактор  компани «Peopl.Pr»-ы организацигондæй æмæ Польшæйы  Республикæйы Гуырдзыстоны минæварады æххуысæй,  гуырдзиаг сæны  дегустаци  –  Georgian Wine Grand Tasting ацыд.  Дегустацийыл 20-æй фылдæр  гуырдзиаг сæндуцæг компанийы 100-ы онг  сæн  уыд бавдыст.

Мадзалыл 200-йæ фылдæр уазæг, сæ нымæцы  журналисттæ,  блогертæ,  коммерцион секторы минæвæрттæ  уыдысты.  Гуырдзиаг сæны  масштабон   бавдыст  Польшæйы  Республикæйы  цæугæ азы  июлы мæйы дæр ацаудзæн. Ахæм типы мадзæлттæ ахъаззаг сты   гуырдзиаг сæны  тыххæй  зонынады  сбæрзонддæрæн æмæ  экспортон базарты  диверсификацийæн.  Польшæ  гуырдзиаг сæны приоритетон  экспортон базарад у, кæцыйыл  сæны  националон агентад гуырдзиаг сæны  популяризацийы  программæйы фæлгæтты, 2013 азæй, активонæй æххæст кæны  æндæр æмæ æндæр  рекламон–маркетингон  кампанитæ.

2024 азы январ-зæрдæвæрæны  периоды, Польшæйы Республикæмæ экспортмæ ласт уыдис  2,6 млн литр гуырдзиаг сæн, кæцы 23%-æй фылдæр у  раззаг азы аналогион периоды бæрæггæнæнтæй.